Айнаг æвзаг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Айнаг æвзаг у айнаг адæмы æвзаг, дзурынц ыл япойнаг сакъадах Хоккайдойы. Дзурджыты нымæц бирæ нæу: 1-3 мины бæрц. Кæддæр Японы хицауад тынг архайдта айнаг æвзаг фесафыныл. Фæстаг азты дæргъы та энтузиасттæ архайын райдыдтой айнаг æвзаг бахъахъхъæныныл. Æдæппæт Японы цæрынц 150-200 мин айнаджы, æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай нал зонынц сæ мадæлон æвзаг.
Æвзаджы ном айнагау у アイヌ イタㇰ (иронау уаид /Айну итак/); япойнагау та: アイヌ語.
[баив æй] Фыссынад
Айнаг адæм се ’взагыл фыссынц дыууæ хуызы: япойнаг фыссынад катаканæйæ æмæ латинаг алфавитæй дæр. Газет «Айну таймс» мыхуыр кæны æрмæджытæ, цы хуызы йæм сæ барвитынц, уыцы фыссынадæй.
[баив æй] Фонологи
Хъæлæсонтæ сты 5:
i u e o a
Æмхъæлæсонтæ та фылдæр:
p t k ʔ (хъæлæсы урæд) s h c (иуæй-иу хатт хъуысы куыд [ʧ], [ʦ], [ʤ], [ʣ]) w y ([j]) m n r
Айнаг æвзаджы нæй æмхъæлæсонты къордтæ.
[баив æй] Æддаг æрмæг
- Хъуыдыйæдтæ айнагау (en)
- Айнаг дзырдтæ (jp)