Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо (райгуырд 1881 Дæллагхъæуы, амард 1923) у ирон фыссæг æмæ драматург, ирон театры бындурæвæрæг.
- Ир сæ историон рæзты XIX-æм æнусы кæрон схызтысты бæрзонд къæпхæнмæ, стыхджын сты сæ хъуыды æмæ сæ царды домæнтæ, æмæ сын фæзынд разагъды лæгтæ — Къоста, Секъа, Арсен. Хъуыди сæ театр, æмæ адæмæй рантыст ног курдиат — Брытъиаты Елбыздыхъо (Джыккайты Шамил. Фарнхæссаг аивад. // Брытъиаты Елбыздыхъо. Уацмыстæ. Дз.: "Ир", 2002.).
Йæ уацмысты 'хсæн:
- «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд Ирон Тиатр»
- «Уæрæседзау»
- «Худинаджы бæсты — мæлæт»
- «Хазби»
- «Дыууæ хойы»
- «Амыран»
æмæ æндæртæ.
[баив æй] Зындгонд цитатæтæ
...ном лæгæн йæ кад у, йæ царды сæр.
Мæгуыр ироны йæ зынтæ дæр айрох вæййынц ныхасы бадгæйæ.
Уарзондзинад зонды коммæ нал фæкæсы.
Зæрдæ фæсæттынæн дæс цæфæй иу лæгъз ныхас хуыздæр у.
Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ’хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы 'мбарой, уæд.