Гаглойты Владимир
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гаглойты Михаилы фырт Владимир у зындгонд ирон номдзыд фыссæг: прозаик, драматург æмæ публицист. Райгуырдис 1927-æм азы 1 февралы Хуссар Ирыстоны Додоты хъæуы.
Йæ сабийы бонтæ арвыста Додоты хъæуы æмæ райдиан скъола дæр уым фæци каст. 1946-æм азы каст фæци Зарыхъæуы астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогикон институты ирон филологийы факультеты æмæ йæ каст фæци 1951-æм азы. Уыцы аз кусын райдыдта рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Фæлæ йын литературæйыл сагъæс æнцой нæ лæвæрдта æмæ иу азы фæстæ 1952-æм азы ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1957-æм азы æнтыстджынæй. Уыцы азæй 1961-æм азмæ куыста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры литературон хайады сæргълæууæгæй. Уый фæстæ рацыд рауагъдад «Ирыстон»-мæ сæйраг редакторæй.
Гаглойты Владимир 1968-æм азы кусын райдыдта журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторæй æмæ дзы фæкуыста 1976-æм азы онг. Уый фæстæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта, æмæ уый тыххæй ацыд Мæскуымæ рæстæгмæ цæрынмæ. Фæлæ рынчынæй æнцой нæ лæууыд. Куыста лекторæй, ирон фæсивæдæй Мæскуыйы театралон институты чи ахуыр кодта, уыдонæн кастис лекцитæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ.
Гаглойты Владимир уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг. Уыдис Советон Цæдисы фысджыты уæнг æмæ Фысджыты Цæдисты Дунеон æмхæларады уæнг.
Йе ’нувыдон куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдис бирæ майдантæй.
Гаглойты Владимир бирæ рæстæджы уæззау рынчыны фæстæ амард Мæскуыйы, 1996-æм азы 12 февралы. Баныгæдтой йæ Цхинвалы. Йе ’нæмæлгæ сфæлдыстад егъау ахъаз у ирон аивадон литературæйы прозæ æмæ драмæйы жанрты бæрзонд къæпхæныл сæвæрынæн.
Гаглойы-фырты кадæн Цхинвалы уынгтæй иу (кæддæры Чавчавадзейы уынг) 2003-æм азæй фæстæмæ сси Гаглойы-фырты уынг.
[баив æй] Сфæлдыстад
Владимир хæрз чысылæй фæстæмæ баст уыдис ирон национ культурæимæ æмæ дзы иузæрдион фæллойы фæрцы йæхицæн æнусон мæсыг самадта. Йæ уацмыстæй бирæтæ рацыдысты мыхуыры канд ирон æвзагыл нæ, фæлæ уырыссаг æвзаг æмæ бирæ æндæр æфсымæрон адæмты æвзæгтыл.
Йæ пьесæты фыццаг чиныг мыхуыры рацыд 1954-æм азы. Хуынгæ дæр кодта «Пьесæтæ», зæгъгæ. Йæ пьесæты дыккаг чиныг та рацыд 1958-æм азы.
Гаглойты Владимир у мæнæ ахæм прозаикон уацмысты автор: «Дæ амонды тыххæй», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Иунæджы кадæг», «Æнæбасæтгæ адæм», «Зæрдæйы сагъæстæ», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», трилоги «Дæ амонды тыххæй», «Гъе мардзæ исчи» æмæ бирæ æндæртæ.
Цалдæр егъау уацмысы йын рацыдис уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Йæ роман «Пробуждение»-йæн уыдис стыр æнтыст, æмæ йæ стыр цымыдисæй кастис уырыссаг чиныгкæсæг. Йæ уацмысты аив вазыгджын фæлгæнцтæ никуы фесæфдзысты ирон чиныгкæсджыты зæрдæтæй.
Гаглойты Владимиры драмæтæ «Сыгъзæрин фæткъуы», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Зæххон хуыцæуттæ», «Тугæйдзаг чындзæхсæв» æмæ æндæртæ æнтысгæйæ æвæрд цæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны театрты репертуарты. Йæ трагеди «Ныййарæджы кадæг» æвæрд æрцыдис Рязань æмæ Киевы горæтты уырыссаг театрты репертуарты.