Фатх Али шах
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фатх Али шах (1766 — 24 октябры 1834) уыд Хъаджарты династийы дыккаг Ираны шах. Шахы бынатмæ бацыд йæ фыдыфсымæр Агъа Мухаммад ханы мæлæты фæстæ 1797 азы.
Йæ æлдариуæджы рæстæг Иранмæ æрбабырстой колониалон империтæ: Франц, Стыр Британи æмæ Уæрæсе. Фатх Али шахæн ахæм хъару нæ разынди, уыдонæн ныхмæлæууыд скæнынæн, афтæмæй йæ бахъуыди цалдæр æнæпайда бадзырдыл йæ къух æрæвæрын (уыдоны ’хсæн Гуырдзыстоны тыххæй бадзырд).
Фатх Али шах тынг уарзта аивад æмæ йæ разтыл зылдта. Йæ æлдариуæджы рæстæг Ираны аивады уыд сæндидзæны дуг (Базгашт хуыины).
Фатх Али шахæн уыди 158 усы, уыдонæй та 260 сывæллоны. Уымæй йæ династийæн æцæг бындур сæвардта.
[баив æй] Æддаг æрмæг
- Шахы сурæт
- Генеалоги (en)