Къозонты Мураз
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къозонты Сандройы фырт Мураз у Анголæйы (Африкæ) Бенгелы университеты профессор, зындгонд полиглот.
2006-æм азы уый уыд Хуссар Ирыстоны, фембæлд паддзахадон университеты студенттимæ æмæ сын радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй, Африкæйы йæ куысты хабæрттæ.
Уый райгуырд Дзауы районы Ручъы хъæуы. 1954 азы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд фæлварæнтæ радта Сталиниры паддзахадон пединституты историон-филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Цалдæр азы ахуыргæнæгæй бакуыста йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы, кодта фæскомцæдисон куыст. Уый фæстæ ацыд Къахетмæ æмæ уым сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг хæрз цыбыр æмгъуыдмæ, стæй та ацыд Бакомæ æмæ уым та сахуыр кодта азербайджанаг æвзаг.
Фæстæдæр ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд аспирантурæмæ, бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Уый фæстæ редактор уыд ССР Цæдисы Зонæдты академийы журнал «Латинаг Америкæ»-йæн.
Уый бирæ азты дæргъы уацхæссæгæй фæкуыста Мыхуыры агентад «Новости»-йы (АПН). Ацы бынаты кусгæйæ уый арæх балцыты уыд дунейы алы бæстæты æмæ дзы мыхуырæн канд æрмæг не ’мбырд кодта, фæлæ ма прессæйæн дæр кодта анализ. Иу рæстæджы ма куыста тæлмацгæнæгæй Иугонд Нациты Организацийы (ООН). Тæлмац кодта испайнаг æвзагæй.
Къозоны фырт у полиглот, зоны цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Анголæйы, Бенгелы университеты та бирæ азты дæргъы лекцитæ кæсы португалиаг æвзагыл. Ам ссис профессор дæр.
Африкæйы уæвгæйæ Къозонты Мураз йæ сæйраг куысты æмрæнхъ дзæвгар азты дæргъы ахуыр кодта Индийæ Африкæмæ Аланты истори æмæ дзы ссардта археологон æрмæджытæ, кæцытæ æвдисæн сты, алантæ ацы бынаты кæй уыдысты, уымæн. Уыцы темæйы фæдыл Мураз ныффыста 12 иртасæн куысты æмæ дзы сæ иу мыхуыр уыд газет «Южная Осетия»-йы 2004 азы.
Муразæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ цы фембæлд уыд, уым уый æрдзырдта ацы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ йæ уарзондзинады тыххæй, уымæн æмæ йæхæдæг дæр ахуыр кодта ам. Радзырдта ма ирон адæмы ивгъуыд æмæ абоны историйыл. Лæмбынæг ныхас кодта, æвзæгты куыд ахуыр кæны, уыцы методикæйыл, ома, куы дæ фæнда æвзæгтæ ахуыр кæнын, уæд æй цыбыр рæстæгмæ дæр сахуыр кæндзынæ æмæ студенттæн ацы хъуыддаджы бацамыдта йæ фæлтæрддзинад. Афтæ ма радзырдта Африкæйы аланты фыдæлты фæдтæ куыд агуырдта, уыцы куыстыты тыххæй.
Уый ма фæнд кæны Тибетмæ ацæуын, уымæн æмæ лæмбынæг ахуыр кæны теологи.