Нарты кадджытæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Нарты кадджытæ — афтæ хонынц ирон адæмы эпос. Нарты эпосы хуызæн кадджытæ ис æндæр цæгат-кавказаг адæмттæн дæр.
Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, нæуæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.
Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы.
Ацы статья ирон темæйыл къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |