Диоген
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Диоген уыди рагон бердзенаг философ. Райгуырди Синопы нæ эрæйы агъоммæ 400 азы, мæлгæ та акодта 323 азы. Йæ фыд куыста къазнайы хæдзары æхцатæ ивæгæй, фæлæ цыдæр цæстфæлдахæн ми кæй бакодта, уымæ гæсгае йæ асырдтой.
Диогенæн йæ ахуыргæнæг куы амард, уæд ацыди Коринфмæ. Цæрæнбынат баххуырсыны, кæнæ йæ уазæгуарзон адæмæй искæмæ бацæуыны бæсты ссардта æндæр бынат: зæронд æмæ фæстытæ стыр дурын-быркуы (грекъагау «пифос» — сæн кæнæ хор кæм дардтой, ахæм).
Диогены фæндыд, æрдз æй цыдæриддæрхуызонæй сфæлдыста, ахæм уæвын, уымæ гæсгæ йæхи дæр нæ даста. Уыди тынг гуыбыр, æдзухдæр каст йе ’рфгуыты бынæй. Цæугæ-цæуын æнцой кодта, сæр саджил кæмæн уыд, ахæм лæдзæгыл. Уыцы саджилæгыл ауыгъта йæ фæндаггон хызын. Алкæмæ дæр каст æлгъгæнгæ, никæй ницæмæ дардта.
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |