Дунай (цæугæдон)
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дунай у Европæйы дыккаг стырдæр цæугæдон (Волгæйы фæстæ). Хауы Сау денджызмæ.
Дунайы былтыл лæууынц цалдæр егъау сахары: Венæ (Австрийы сæйраг сахар, 1597 мин цæрæджы), Белград (1168 мин), Будапешт (2016 мин), Братиславæ (425 мин).
[баив æй] Наудзыд
1992-æм азы Германы скуыста ног наудзæуæн канал Рейн—Дунай. Уыцы рæстæгæй Дунай сси Цæгат денджызæй (порт Роттердам) Сау денджызмæ (порт Сулин) наудзæуæн фæндаджы хай. Уымæй фæфылдæр ласт уаргъты бæрцуат.
Зымæг хъарм куы вæййы, уæд Дунайыл ис наутыл цæуæн æнæхъæн азы дæргъы, æндæр азты та — 1—2 мæйы йедтæмæ.
1999-æм азы Дунаймæ ныххаудтой æртæ хиды Сербийы, НАТО-йы бомбардировкæйы аххосæй; уымæй нал уыд науыл бацæуæн. Донвæд уыцы хидты хæйттæй ссыгъдæг чындæуыд æрмæст 2002-æм азмæ.
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |